Песня о селении ЗИЛЬГИ .mp4

แชร์
ฝัง
  • เผยแพร่เมื่อ 7 ส.ค. 2024
  • селение Зильги, исполнитель Сослан Дзуцев
  • เพลง

ความคิดเห็น • 1

  • @sergt.8729
    @sergt.8729 9 ปีที่แล้ว +2

    Дзудцаты Сослан - Зилгæйы зарæг
    Сабыр цæугæдон фæрны хъæубæсты
    Йæхицæн зары, цæугæ, мæ Зилгæ.
    Хъæутæ бирæ сты, хъæутæ бирæ сты,
    Фæлæ сæ хуыздæр - нæ уарзон Зилгæ!
    Зилгæйы сæрмæ дидинæг уарди,
    Дæрдтыл фæлгæсы бæрзонд обауæй.
    О ацы хъæуы цы лæгтæ царди,
    Уыдысты кадджын ирон æгъдауæй.
    Нæ буц хистæртæн зæхх уыд сæ нарæг,
    Рæвдыд уыдысты мæйрусх изæртæй.
    Сæ фæндырдзагъд, сæ ирон зарæг,
    Уæларвмæ хъуысти сызгъæрин зæлтæй.
    Райгуырæн бæстæ куыд бирæ уарзтой,
    Цыдысты тохмæ, тохмæ ныфсхастæй.
    Знаджы гæнах сæ риутæй састой,
    Хæстон хъæбатыр Энвер сæ разæй.
    Нæ уарзон Зилгæ, ды мады 'нгæс дæ,
    Ды нæ схастай дæ уды хъармæй.
    Цæй тынг зынаргъ дæ, нæ хорз хъæубæстæ,
    Нæ зындгонд лæгтæм сæ ирон фарнæй.
    Сабыр цæугæдон фæрны хъæубæсты
    Йæхицæн зары, цæугæ, мæ Зилгæ.
    Хъæутæ бирæ сты, хъæутæ бирæ сты,
    Фæлæ сæ хуыздæр - нæ уарзон Зилгæ!